Михайловскæ æмæ Ногиры ‘хсæн хиды дыууæ хайы ныккалдысты. Халын сæ райдыдтой 2-æм июны. Куыстыты гуырахст ныртæккæ у 70%. Нырыккон техникæйы руаджы æппæт мадзæлттæ дæр æнцодæрæй æххæстгонд цæуынц. Зæронд цæджындзты хæйттæй пайда кæнынц арæзтады. Уыцы иу рæстæг фидар кæнынц цæугæдоны былгæрæттæ дæр.
Хид кæй ныккалд, уый аххосæй фæндæгтыл фæзынд къуылымпыдзинæдтæ. Æрвылбон Ногиры хæдтулгæтæ нымбырд вæййынц. Сæйраг уынджы ацæуæнтæ нæ вæййы. Хæдтулгæты змæлд дзы кæй фæфылдæр, уый аххосæй фæндаг хæлын райдыдта. Цæрджытæ хъаст кæнынц.