Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты бындуронæй цалцæг кæнынц Цæгат Ирыстоны хъæуты скъолаты спортивон залтæ. Се ‘хсæн – Рамоновы поселок, Елхоты 1-æм скъолайы, Нартыхъæуы, Камбилеевкæйы 1-æм скъола æмæ Архонкæйы скъолаты. Ацы къабазы куыст дарддæр дæр конд цæудзæн. Хæстæгдæр дыууæ азы хъæуты скъолаты фæнд кæнынц 14 спортивон залы рацаразын.
Камбилеевкæйы скъолайы ахуырдзаутæ кæдфæндыдæр цæттæ сты баскетбол кæнæ волейболæй ахъазынмæ. Уæлдайдæр ныр физкультурæйы уроктæ цæуынц ног цалцæггонд æмæ райдзаст залы.
Бæстыхайы цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ацы аз уалдзæджы. Сентябры спортзал уыд цæттæ. Баивтой дзы зæронд æмбыд пъол, йæ бæсты дзы фæзынд резиннæйæ конд ног уæлцъар. Къулты зæронд сæрстытæ ныссыгъдæг кодтой агуыридуры онг. Ныр къултæ ныр сты лæгъз æмæ аивгод. Базылдысты дзаумæттæ ивæн уатмæ дæр, фæлæ уал, фыццаджыдæр, ивд æрцыд бæстыхайæн йæ сæр.
Скъолайы директор Куыдзиаты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ спортивон залы æппынæдзух архайд цæуы. Æрмæст физкультурæйы уроктæ нæ, фæлæ ма дзы алыхуызон секцитæ дæр ис. Баскетбол, волейбол, бокс, уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ æндæртæ.
Нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм уавæрты ахуыртæ цæуынц Архонкæйы станицæйы дыккæгæм скъолайы дæр. Ам та спортивон зал бындуронæй рацарæзтой.
Скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты спортивон хъомылад у ахсджиаг хъуыддаг. Бузныг зæгъынц республикæйы разамынд æмæ профилон министрадæн скъолатæм се ргом кæй здахынц, уый тыххæй.
Национ проект «Ахуырад»-ы фæлгæты ацы аз хъæуты бындуронæй сцалцæг кодтой 6 спортивон залы. Се хсæн Рамоново, Елхот æмæ Нартыхъæу дæр. Æдæппæтæй куыстытæн рахай кодтой 20 милуан сомæй фылдæр.
Ацы къабазы куыст дарддæр дæр æххæстгонд цæудзæн. Хæстæгдæр дыууæ азы хъæуты скъолаты фæнд кæнынц 14 спортивон залы рацаразын.
Хъараты Маринæ
















