Райдзаст кълæстæ, ног дзауматæ, техникæ æмæ мебель – ахæм уавæрты ахуыр кæнын удæнцой у. Къултæ аивгонд æрцыдысты ирд ахорæнтæй. Сывæллæттæ æхсызгонæй тезгъо кæнынц ноггонд ауайæнты.
Ахæм уавæртыл цин кæнынц ахуыргæнджытæ дæр. Ныртæккæ сæ кабинеттæм зилынц, ифтонг сæ кæнынц æмбæлгæ кусæнгæрзтæй. Æдæппæтæй сты 42 къласы. Бæстыхай арæзт æрцыд 1968 азы. Æмæ кæд заууат уавæры нæ уыд, уæддæр æм хъуыд базилын.
Цалцæджы рæстæг æргом аздæхтой ныййарджыты æмæ педагогты хъæппæристæм. Куыстытæ æххæстгæнæгимæ иумæ равзæрстой бæстыхайы ахорæнты хуызтæ. Спортивон зал – ирд, хæрæндон æмæ актон зал та фæлмæн хуызты. Къултæ сты хъулон ахуырст. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ рацарæзты рæстæг ахуырадон процесс нæ баурæдта. Скхоладзауты раивтой дыууæ фæлтæрмæ, цæмæй æндæр ахуыргæнæндæттæм цæуынæй ма стыхсой. Уыимæ разы уыдысты ныййарджытæ дæр. Ныр æппæт къуылымпыдзинæдтæ дæр фæсте аззадысты.
Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ гæсгæ. Ацы аз дæр æххæстгонд цæуы. Декабры кæронмæ Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты 20 скъолайы.
















