Дард алидзын ын нæ бантыст. Æнахъом чызгæн тыхми бакæнынæй кæуыл гуырысхо кодтой, уыцы æнæзæгъинаджы æрцахстой. Бон раздæр пъæлицæмæ фыдгæнæджы ссарыны курдиатимæ бахатыд 8-аздзыд сывæллоны фыд.
Куыд радзырдта, афтæмæй æнæзонгæ нæлгоймаг йæ чызджы фæдыл бахызт бирæуæладзыгон хæдзары лифтмæ æмæ райдыдта йе `нæуаг митæ. Сывæллонæн раласын кодта йæ дзабыртæ æмæ йæ уæлæдарæс. Фæлæ æнæнхъæлæджы цæмæйдæр фæтарсти æмæ алыгъд. Афтæмæй бахауд уынджы `вæрд видеокамерæйы цæстмæ дæр. Пъæлицæйы кусджытæ сæрæн фæлæууыдысты. Педофил разынд 17-аздзыд лæппу, Дзæуджыхъæуы цæрæг. Ныртæккæ ис рæстæгмæ изоляторы. Прокуратурæйы байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
















