Петербургы экономикон форумы фæзуатыл Сергей Меняйло фембæлд Аэрофлоты генералон директор Сергей Александровскиимæ. Æрдзырдтой æмгуыстады гæнæнтыл, се ‘хсæн — Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы алы регионты ‘хсæн уæлдæфон бастдзинад.
Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Аэрофлот субъектты инвестицион гæнæнтыл æрмæст хуыздæрырдæм ахады. Фæнды нæ, цæмæй авиакомпанийы хæдтæхджытæн рейсытæ уа аэропорт Дзæуджыхъæу”-мæ дæр. Архайын райдыдтам æмæ нæ нысанмæ цæудзыстæм фидарæй, — бафтыдта Сергей Меняйло.
















