Райдыдта регистраци II-æм æппæтадæмон медиафорум «PRO Кавказ»-мæ. Арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы 11 æмæ 13 июлы. Ацы хатт нæм уазджытæ ссæудзысты Белорусси, Сомих æмæ Хуссар Ирыстонæй. Уымæй уæлда ма, форумы архайдзысты журналисттæ, брогертæ, чиныгуадзӕн компаниты минӕвӕрттӕ Цæгат Кавказы æппæт регионтæй, Мæскуыйæ æмæ Дард Хурыскæсæнæй.
Ныртæккæ Ныгуылæн бæстæты информацион ныхмæлæуды уавæрты, иудзинад чи парахат кæны, ахæм мадзæлттæ хъæугæ сты. Уӕлдайдӕр, журналистты, блогерты æмæ медиакъабазы кусджыты дæсныдзинадӕй, геополитикон уавæр куыд æмбарынц, æмæ дзы сæ куысты куыд пайда кæнынц, уымæй бирæ аразгæ у.
Куыд спикертæ афтæ, форумы бацархайдзысты зындгонд журналисттæ, амонджытæ æмæ медиакъабазы эксперттæ: Евгений Попов, Александр Смол, Иван Сухов, Николай Яковлев æмæ æндæртæ – «Россия 24», ТАСС, «Коммерсантъ» æмæ æндæр федералон дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ. Геополитикон ивддзинæдты тыххæй та сæ хъуыдытæ зæгъдзысты политологтæ Александр Искандарян æмæ Мария Петрашко.
















