Сергей Меняйло ма фæмбæлд Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы Аппараты разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Николай Доронин æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплаковаимæ.
Дзырдтой хъæппæрисджын адæмы форум «Сообщество»-йыл. Майы фыццаг хатт ацæудзæн Дзæуджыхъæуы. Йæ сæйраг хæс — æнæкоммерцион организациты къабазы рæзт, ахсджиаг социалон лыггæнинаг фарстатыл ныхас æмæ сæ аиуварс кæны фадæттæ ссарын. Уымæ хъæуы цæрджыты æргом аздахын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, форум «Сообщество» 2019 азы дæр арæзт Дзæуджыхъæуы кæй уыд. Нæ бæстæйы алы регионтæй дзы архайдтой 500 адæймагæй фылдæр. Уæд ахсджиагдæр фарстатæй иу уыд туризмы райрæзт.
















