Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло видеобастдзинады фæрцы архайдта партийы штабы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Федерацийы Советы сæрдары фыццаг хæдивæг Владимир Якушев. Ныхасы ма архайдта Уæрæсейы рухстауынады министр Сергей Кравцов. Сæйраг темæ сси партийы проект «Новая школа»-йы æххæсткæнынад. Йæ сæйраг нысан у скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад, бындурон цалцæг, уыимæ кусæндæттæ нырыккон фæрæзтæй сифтонг кæнын. Владимир Якушев фæнысан кодта, ацы хæстæ сты фыццаградон Президент Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ. Федералон бюджет нысан кæнгæйæ фæрæзтæ æвæрд æрцыд хæстæгдæр æртæ азæн, уыимæ ма сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæгæн.
Сергей Меняйло фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны ахуырадон кусæндæтты бындурон цалцæджы программæ куыд æххæстгонд цæуы, уый тыххæй. Республикæйы сæргълæууæг бузныг загъта бæстæйы Президентæн æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы разамындæн регион программæйы фæрцы системон хуызы ахуырадон инфраструктурæ кæй ног кæны, уый тыххæй. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, 2027-æм азы йæ æххæст кæнынæн нысангонд æрцæудзæн 2,38 млрд сомы, уыдонæй 2,28 миллиарды федералон бюджеты фæрæзтæ. Бындурон цалцæг ацæудзæн республикæйы 36 ахуырадон организацийы: 24 скъолайы, 6 рæвдауæндоны æмæ 6 колледжы. Ныртæккæ куыстытæ бакодтой 16 скъолайы, ноябры кæронмæ ма фæуыдзысты ноджы æртæйы. Фондз объекты та цалцæггæнæн куыстытæ дарддæр цæудзысты фидæны азы. Сывæллæтты æртæ рæвдауæндоны бындурон цалцæг ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ. Фондз колледжы дæр куыстытæ фæуыдзысты нысангонд фæткмæ гæсгæ.
















