Ходы Никъалайы ном Ирыстоны алкæмæн дæр зонгæ у. Йæ куыстытæ систы республикæйы культурон бынты егъау хай. Бронзæ æмæ дуры ныууагъта национ хъайтарты, æфсады разамонджыты, Нарты Кадджыты персонажты фæлгонцтæ. 18 сентября нывгæнæнгыл сæххæст уыдаид 90 азы.
Аивадмæ уарзондзинад Ходы Никъала банкъардта сывæллонæй фæстæмæ. 1949 азы, скъоладзау уæвгæйæ, райдыдта аивадон къорды архайын. Фæлæ йæ профессионалон фæндаг æндæрхуызон рауад: йæ мады фæндонмæ гæсгæ райста инженерон ахуырад æмæ йæ цард сбаста металлургиимæ.
Техникон куыст сфæлдыстад нæ фæиуварс кодта. Никъала дарддæр ныв кодта, архайдта скульптурæйыл, фæстæдæр та сси йæ царды дыккаг, ахсджиаг хай. Йæ куыстыты баиу сты инженерон бæстондзинад æмæ нывгæнæджы цæстдард удыхъæд æмæ лыстæг хæйттæм.
Бирæ скульптурæтæ баст уыдысты йæ царды мысинæгтимæ. Зæгъæм, Плиты Иссæ хæстæг лæууыд нывгæнæджы бинонтæм: сæ фыдтæ æмæ фыдыфсымæртæ уыдысты æмхъæуккæгтæ æмæ хорз хæлæрттæ.
Инæлары цыртдзæвæныл кусгæйæ Ходы-фырт сфæнд кодта бынаты лæугæйæ нæ, фæлæ змæлды равдисын — бæхыл бадгæйæ, Плиты Иссæ йæхæдæг кæддæр куыд фæдзæхста, афтæ.
Уæлдай бынат Ходы-фырты сфæлдыстады ахсынц Нарты Кадджыты хъайтарты фæлгонцтæ. Бирæ скульптурæтæ æвæрдта йæхи фæрæзтæй, кæнæ та сæ лæвар кодта республикæйæн. Ходы Никъала йæ цардæй ахицæн 87-аздзыдæй.
Фæлæ цы куыстытæ скодта, уыдон æнусмæ баззайдзысты ирон аивады историйы сæйраг хæзнатæй.
















