Социалон нысаниуæгимæ проектты райрæзтыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы вице-премьеры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис.
Æмбырды ма архайдтой республикæйы министрадты разамонджытæ. Фыццаджыдæр ныхас цыд фæрæзтæ кæмæн нæма радих кодтой, уыцы объекттыл. Дзанайты Барис загъта, æнгом æмгуыстад кæй кæнын хъæуы федералон оргæнтимæ. Бацархайын хъæуы документаци раст бацæттæ кæныныл дæр. Вице-премьер ма бабар кодта мониторинг скæнын, уый хыгъд фæнысан кæнын республикæйы райрæзтæн мадзæлттæ.
















