Сухум æмæ Дзæуджыхъæуы ‘хсæн культурон бастдзинад сног кодтой фæндзай азы фæстæ. Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон театры гастрольтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц Абхазы республикæйы. 23 августæй Самсон Чанбайы номыл Абхазаг драмон театры сценæйыл цæуынц ирон труппæйы гастрольтæ. Афишæйы – æртæ спектаклы: драмæ “Гæздæнтæ”, Лермонтовы поэмæ “Демон” æмæ Шекспиры “Отелло”. Æртæ боны дæр – дзаг залтæ æмæ аивадуарзджыты ирд æнкъарæнтæ. Балц байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой дыууæ театры разамонджытæ.
Труппæйы хыгъды – сценæйы дæснытæ, Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ. Тыджыты Эдуард æхсызгонæй фæнысан кодта, абхазаг æмкусджытæ уыцы гастрольты афишæ кæй бахъахъхъæдтой, йæхæдæг та уæд архайдта цыппар равдысты. Театрдзауты зæрдæтæм фæндаг ссардта спектакль “Гæздæнтæ” – авд фырты æнустæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырты кæмæн баззадысты, уыцы бинонты тыххæй. Сæ хъысмæт сси æгас бæстæйы хъыджы символ. Сæ истори хæстæг у алкæмæн дæр, уыцы уæззау цаутæ абон дæр рох не сты.
















