Уæллæй, Турчы дæр ирон сфæлдыстад хуымæтæджы не `рфидар. Н` адæм аивадмæ æмхиц кæй сты, уый иууылдæр зонынц. Нæ дарддæры æрмæг – уымæн æвдисæн. Театр «Амран» бацæттæ кодта ног спектакль «Хæзнаты сакъадах», загъгæ. Сарæзтой йын премьерæ. Чи йæ федта, уыдон дзы разыйæ баззадысты. Нæ уацхæссæг Саулохты Ланæ дæр уыдис спектакльмæ бакæсджыты `хсæн. “Хæзнаты сакъадахы” цы федта, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн йæхæдæг.
Игъæлдзаг сюжеттæй драммæма. Театр «Амран» а инсайанзей юбилейма сценама рахаста а науаг спектакль «Хазнати сакъадах» Роберт Стивенсони романма гасга. Джон Хоккинси хъаурагин туха ама пиратти дессаг историта нур талмацгонд арцуданца ирон авзагма «Амрани» разамонаг Лазарти Таймурази фарци, пьеса ба сценабал ниввартта къорди режиссер Цагарати Георгий.
Режиссер Цагарати Георгий: «Мах нахецай нечи бафтудтан, фал устур зундгонд автор Стивенсони гъуди равдистан. Мах ламбунагай байархайдтан пиратта чи доги адтанца, историй ечи растагма аркасун. Актерти хацца игъустан лекцитама, качити нин авдистонца наута ама ечи растаги тохандзаумаутта. Ечи лекцита адтанца хъабар цамадесаг.»