Ныр та æнахъом къулбадджыты тыххæй. Уыдон бавдæлдысты, æмæ хуыцаубоны изæрæй базгъæлæнтæ кодтой Дзæуджыхъæуы трамвайтæй иуы рудзынг. «Владтрамвай»-ы фæндæгтыл æдасдзинадмæ сæйраг цæстдарæг Хуытиаты Виталийы куыд хъусын кæны, афтæмæй 5 æнахъом лæппуйы Ушинскийы уынджы трамвайыл æхстой дуртæ.
Йæ рахиз авг лыстæг пырхытæй куы `ргæр-гæр кодта, уæд чысыл фыдгæнджытæ лидзæг фесты. Ацы трамвай, ног кæй сцалцæг кодтой, уыдонæй у. Саст авг уæдмæ ногæй баивтой, фæлæ ахæм хабар фарон фæззæгæй цыппæрæм хатт æрцыд. Аххосджынтæ – уыцы иутæ – кæйдæр чысыл къулбадджытæ. Барадхъахъхъæнæг структурæтæ хъуыддаг райхалынмæ бавнæлдтой. Закъонхалджыты куы æрцахсой, уæд сæ ныййарджыты бахъæудзæн ивар бафидын.
















