Бирæ азты лыггæнинаг фарста. Кæд æй аиуварс кæнын бантысы, уæддæр та цыбыр рæстæджы фæстæ уавæр æвзæрырдæм аивы. Ныхас цæуы Цæгат Ирыстоны æхсæнадон транспортыл. БАМ-æй горæты астæумæ бацæуын бæлццæттæн æнцон хъуыддаг нæу. Бирæ рæстæг сæ бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, афтæмæй байрæджын кæнынц.
Къæвда бон адæм 30 минутæй сахаты онг баззайынц маршруткæмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Транспорт куы фæзыны, уæд та дзы бынат нæ вæййы. 7 сахаты æмæ 30 минутыл Дианæ уыд æрлæууæны, фæлæ маршрутон таксийы бабаддзæн æрмæст фараст сахатыл. Æмæ афтæ æрвылбон. Чызг куыд радзырдта, афтæмæй йыл куысты рагæй сахуыр, æрæджы кæй фæкæны, ууыл.
Такси æххуырсгæйæ та йæ хæрдзтæ æфтиæгтæй фæфылдæр вæййынц. Уымæ гæсгæ, хур уа кæнæ къæвда, фæхъæуы йæ æнхъæлмæ кæсын. Абон та йын къæвдайæ æрлæууæны бамбæхсыны фадат дæр нæ уыд – бынат дзы нæ уыд.
Сахатæй фылдæр лæууын, мæ бон такси баххуырсын дæр нæ вæййы, 500 сомæй зынаргъдæр вæййы. Маршруткæтæй бирæтæ уромгæ дæр нал бакæнынц, кæцытæ æрлæууынц, уыдон та уайтагъд айдзаг вæййынц.
Куыд хатдзæг, афтæ та чызджы бахъуыд такси æххуырсын. Ахæм дæнцæгтæ сты бирæ. Маршруткæ кæй нæ вæййы, уый аххосæй адæймаджы фæхъæуы йæ дзыпп сафтид кæнын, фæлæ æндæр гæнæн нæй.
Ахуыры аз кæй райдыдта, уымæ гæсгæ скъоладзаутæ æмæ студенттæ вæййынц бирæ. Транспорты бынат нæ фæфаг кæны. Адæм машртуткæмæ тыххæй схизынц.
Кокойты Мария ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны медицинон академийы. Бынатмæ йæ фæхъæуы 9 сахатмæ, фæлæ æрлæууæнмæ рацæуы сахат æмæ ‘рдæг раздæр. 77 маршрут цæуы стæм хатт.
Иууылдæр фенхъæлмæ кæсынц, тых æмæ амалæй бынат ссарынц. Адæм кæрæдзийы фембарынц, фæфæнды сæ иннæмæн баххуыс кæнын, маршруткæтæ нæ фæфаг кæны, уæлдайдæр аст сахатмæ хæстæг.
Райсомæй æмæ изæрыгон адæм вæййынц уæлдай бирæ. Транспорты бынат нал вæййы. Цæрджытæ сæ ныфс дарынц, фарста тагъд рæстæджы иуварсгонд кæй æрцæудзæн, ууыл.
















