Ацы куысты тагъд кæнын нæ хъуы. Иу æнарæхст змæлд æмæ дæсгай мыдыбындзытæ куы смæсты уой, уымæй тæссаг у. Тадеты Зауыр æмæ Саулохты Хетæг ацы фембæлдмæ сæхи цæттæ кодтой афæдзы бæрц. Ахуыр кодтой Мыддараны куыстæй ахуыртæ куы ацыдысты, æрмæст уый фæстæ Дур-Дурмæ æрбаластой фыццаг мыдыбындзыты бинонты.
Æмбæлттæ базонгæ сты интеренеты. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ дыууæйы дæр цымыдис кæны мыдгæсы куыст. Хетæг фыццаг бахаста фæндон бафæлварыны тыххæй, Зауыр дæр йæ фарсмæ балæууыд. Дарддæр та афæдзмæ хæстæг
сæхи цæттæ кодтой: здæхт иртасын, æхцайы фæрæзтæ сæмбырд кæнын æмæ ахуыр кæнын. Фыццаг мыдыбындзыты æрбаластой Хъæрæсейæ. Ныр дыууæ мыды чыргъæды – 40 мин мыдыбындзы. Ацы сезон дыууæйæн дæр у фыццаг.
Кусынц сабыргай. Чыргъæд дæр арæхстгай гом кæнынц – цæмæй сæ тынг ма бахъыгдарой. Уыимæ мыдыбындзыты уавæрмæ æппынæдзух хъæуы цæстдарын: кæсын, джыбы, кæнæ æндæр тасдзинæдтæ бинонтæн ис æви нæ, сæхи куыд дарынц æмæ сæ нымæц цас у.
Æппæты цымыдисдæр – мыд æмбырд кæнын. Цалдæр мæйы фæстæ, лæппутæн сæ бон фенын у цæуыл куыстой, уый. Сæйраг домæн та æрмæст мыдыбындзытæм нæ хауы, фæлæ хойрагмæ дæр. Мыд æххæстæй чыргъæдæй райсын нæй, æнæмæнг, дзы бындзытæн дæр фæуадзын хъæуы.
Фыццаг сезон кæронмæ фæхæццæ кæны. Зауыр æмæ Хетæг сæ куыстæй разыйæ баззадысты. Ныридæгæн 40 литры мыд æрæмбырд кодтой. Фæлæ ма уымæй уæлдай мыдыбындзытæ бирæ æндæр пайда хойрæгтæ дæттынц.
Нырма уал сæм æрмæст дыууæ чыргъæды ис, фæлæ Зауыр æмæ Хетæг ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Сæ фæндты – фæзуаты райрæзт æмæ сабыргай бинонты зæронд хæдзар рацаразын.
















