Цæгат Ирыстоны парахат кæны фысвосдарынады куыст. Хъæууон хæдзарады министрад бакуыста сæрмагонд программæйы райрæзтыл. Ныридæгæн æрцыдысты хорз хатдзæгтæм – фысты нымæц фылдæр кæны. Ацы аз æнхъæлмæ кæсынц 50 мин уæрыккмæ.
Æрæджы дæр ма фыстæ æмæ сæгъты нымæц уыд бæлвырд къаддæр. Иннæ фосæй сæ дарынц хицæнæй. Хæстæгдæр мæй сæ арвитдзысты хæххон сæрвæттæм хизынмæ. Ам та ис 1300 уæрыччы. Бон сын дыууæ хатты хæрын кæнынц. Цæуы сыл 3 къуырийæ 2 мæйы онг. Хъæууон хæдзарадон кооператив «Закка»-йы лыстæг фосы куыст кæнынц фæстаг 5 азы. Æнтысгæ дæр сын кæны.
Хъæууон-хæдзарадон кооператив «Буденный»-йы та фысты мыггаг парахат кæнынц ссæдз азы бæрц. Ныридæгæн дзы ис 800 уæрыччы бæрц.
Дыууæ кооперативы дæр ацы мæй æнхъæлмæ кæнынц фосы бафтыдмæ. Сæ куыст цæуы æнæ къуылымпытæй. Хъæугæ æххуыс сын кæны паддзахад дæр. Зæгъæм, фысвосдарынады райрæзты субсидитæ. Сты пайда. Куыстуаты куыд зæгъынц, афтæмæй лыстæг фосы нымæц фылдæр уаид, бæстыхæттæ хаццоны куы нæ исиккой, уæд. Ацы хъуыддаг сын къуылымпы кæны сæ фæндтæ.
Хъæууон хæдзарады министрады фысвосдарынады программæйы райрæзтыл бакуыстой 4 азы размæ. Хицауады уæнгтæ проекты фарс рахæцыдысты. Уыцы рæстæг фыстæ æмæ сæгъты нымæц республикæйы уыд 13 мин æмæ 500 сæдæмæ ‘ввахс. Абон та сæ нымæц у 123 мин. Уый — æххуысы руаджы.
Къабазы сæйраг фарста — фосæн уæтæртæ аразынæн зæххы хæйттæ фаг кæй нæй, уый. Дзуапдæттæг министры хæдивæг Рубайты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, фарста райхалæн ис инвестицион проектты руаджы. Республикæйы фысты нымæцыл æфтдзæн маймæ. Æмткæй райсгæйæ, 50 мины. Уый та у 80%.
















