Тых, бæрзонд тагъдад æмæ æвваст цæфтæ. Тхэквондо хуымæтæг спорт нæу. Фæсивæд залы фидар кæнынц сæ удыхъæд дæр. Етдзаты Тæирбег йæ равзæрст фæндагыл фондз аздзыдæй æрлæууыд æмæ нæ фæфæсмон кодта. Æппынæдзухы тренировкæтæ дæттынц хорз бæрæггæнæнтæ. Йæ хыгъды, ныридæгæн, бирæ уæлахизтæ ис. Радон сыгъзæрин майдан рамбылдта ерысты Адыгейæйы. Йæ æнтыстдзинады тыххæй æфсæрмыгæнгæ дзуры.
Турнир “Адыгея оупен” сæмбырд кодта Цæгат Кавказы федералон зылды тыхджындæр спортсменты æмæ сси ахсджиаг фæз фæлтæрддзинадæй дих кæнынæн, дæсныдзинад равдисынæн æмæ спортивон цæттæдзинад фенынæн. Тхэквондистты цæгатирыстойнаг командæ райста фыццаг бынат. Æдæппæтæй нæ хыгъды 23 сыгъзæрины, 7 æвзист æмæ 21 бронзæ майданы. Уый у æппынæдзухы тренировкæты, сæрмагонд фæтк æмæ уæлахизмæ тырнындзинады хатдзæг. Лæппутæн тхэквондо хуымæтæг спорт нæу. Æмæ уый азæй-азмæ равдисынц хъуыддагæй, зæгъынц тренертæ.
Спортсментæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Æрвылбон фæархайынц цалдæр сахатгай, бирæ хæттыты бон дыууæ тренировкæ дæр скæнынц. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы Уæрæсейы чемпионат æмæ йæм бæстонæй цæттæ кæнынц.
Нæ республикæйы тхэквондо парахат у. Цæгатирыстойнаг спортсментæ æнтыстджын свæййынц европæйаг æмæ дунеон турнирты. Фидæны 400 чемпионы тренировкæ кæнынц тхэквондойы галуаны, уым ныридæгæн чысыл майдантæ нæ сæмбырд кодтой æмæ уый æрмæст сæ равзæрст фæндаджы райдиан у.
















