preloader
сейчас в эфире
14:25
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Цæрджыты сагъæстæ

22.01.2018 16:44

Разамынддæттæг компани ис, фæлæ сæ пайда нæй. Адæмæн сæ кæрты бацæуæнтæ дæр сæхи æфснайын бахъæуы. Уавæр сæ ногтæй нæу. Алагиры дæр ис ахæм хæдзар. Разамынддæттæг компанийы кусджыты хæдзары цæрджытæ сæ цæстæй иу хатт дæр нæма федтой. Хæдзарады куыстытæ иууылдæр сæхимæ фæкæсынц. Уыимæ лæггæдты фиддонтæ дæр æххæстæй æмæ афойнадыл фидынц.

Разамынддæттæг компани ис, фæлæ сæ пайда нæй. Адæмæн сæ кæрты бацæуæнтæ дæр сæхи æфснайын бахъæуы. Уавæр сæ ногтæй нæу. Алагиры дæр ис ахæм хæдзар. Разамынддæттæг компанийы кусджыты хæдзары цæрджытæ сæ цæстæй иу хатт дæр нæма федтой. Хæдзарады куыстытæ иууылдæр сæхимæ фæкæсынц. Уыимæ лæггæдты фиддонтæ дæр æххæстæй æмæ афойнадыл фидынц.

Ацы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæ ног фатертæм куы балыгъдысты, уæд сæ цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ сын бирæ нæ ахаста. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ уайтагъд сæ уæлхъус æрбалæууысты разамынддæттæг компани Арм-стройы кусджытæ.Кæцæй фæзынндысты,æмæ сæ чи ратта разамынды бартæ, уый нырмæ дæр ничи ма базыдта. Иумæйаг æмбырды цæрджыты нæ бафæндыд «Арм-строй»-ы лæггæдтæй пайда кæнын. Сæ зæрды уыд цæрæнуæтты æмбалад скæнын.

Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, разамынддæттæг компани йæ хæстæ цæсгомджынæй не`ххæст кæны. Исты æрцыд зæгъгæ æмæ се`ххуыс бахъуыд, уæд сæм, телефонæй дæр бадзурæн нал вæййы, ссарæн та сæ, уæвгæ дæр зын у. Адæм цæмæн хъуамæ фидой, уый сын фылдæр хатт бæлвырдæй бамбарын сæ бон нæу. Цæрджытæ сæхæдæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй разамынддæттæг компанийы сæргълæууæг Томайты Геннадий йæхи цæрджытæй рамбæхс-бамбæхс кæны.

Цæрджытæ хъаст кæнынц: бацæуæнты цырæгътæ дæр сæхæдæг ивынц, сæ хæдзары алывæрстæ дæр сæхæдæг æфснайын, хæдзарыисты асаст, уый дæр сæхи кæнинаг – уæд ма разамынд дæттæг компанийæн техобслуживание кæй хонынц, уый та цæй фæдыл хъуамæ фидой. Цæрджытæм «Арм-строй»-æ квитанцæтæ æппынæдзух æрбацæуынц. Йæ разамонæджы бацагурынвæнд скодтам мах дæр. Компанийы сæргълæууæджы ссарын, æцæгæйдæр, æнцон нæ уыд. Фæлæ нæ къухы бафтыд. Томайты Генадийы ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг æмбырды цæрджытæ бадзырды домæнтимæ сразы сты. Алцыдæр уыд закъонмæ гæсгæ. Зæрдæ бавæрдта тагъд рæстæджы та цæрджытимæ кæй сæмбæлдзæн æмæ та ногæй бадзырды домæнтыл бæстон кæй æрддзурдзысты, уымæй. Фарста лыггонд æрцæудзæн.

Нæ республикæйы цæрæнуæттæм цæстдарæг управленийы нын куыд загътой, афтæмæй, «Арм-строй» фидаргонд æрцыд, кусыны бар ын радтой. Фæлæ ацы ног бирæуæладзыгон хæдзар нырма номхыгъды нæй. Уыимæ закъонмæ гæсгæ разамынддæттæг компанийæн цæрджытимæ бадзырд бафыссыны бар нæй, цалынмæ сын цæрæнуæттæм цæстдарæг управлени бар нæ радта, уæдмæ. Цæрджытæ ма хъуамæ зоной закъоны иннæ домæн дæр – компанийы лæггæдтæй разы куы нæ уой, уæд сæ бон у компани аивын, кæнæ хи цæрджыты æмбалад байгом кæнын. Уый тыххæй цæрджытæ хъуамæ сæ иумæйаг æмбырды курдиат ныффыссой æмæ дзы иууылдæр сæ хъуамæ бафыссой. Хъуамæ йæ сæмбæлын кæной бынæттон администрацимæ, уыдон та цæрæнуæттæм цæстдарæг хайадмæ. Уыдон бынатмæ æрырвитдзысты хъæугæ специалистты –  лæггæдты хæрзхъæгдзинад сбæрæг кæныны тыххæй. Дæргъвæтин процедурæ – фæлæ бирæ масты бæсты компани аивын хуыздæр у. Цæрæнуæттæм цæстдарæг управленийы специалисттæ зæгъынц – цæрджытæн баххуыс кæндзысты. Уымæн æмæ алы адæймагæн дæр йæ бон равзарын цас æмæ кæмæн хъуамæ фидой фиддонтæ, уый.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
19.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
19.11.2026
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026
Соседство с медведями: реальная угроза или тревожные слухи I Среда влияния
18.11.2026
Нигер I ДОК
18.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
18.11.2026
Студентты æппæтадæмон бон, ансамбль «Алан»-ы гастрольтæ æмæ Бирæгъты Къостайы мысгæйæ | Йæ рæстæгыл
17.11.2026
17.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
17.11.2026
16.11.2026 I Самое время
16.11.2026
18.11.2026 I Доброе утро, Осетия!
16.11.2026
Илья Габараев I На все времена
14.11.2026
Цораевы I Семья
14.11.2026
Прикосновение к истории I Гвардия
14.11.2026
14.11.2026 I Кувæг Ир
14.11.2026
14.11.2026 I Традиции веры
14.11.2026
Алина Касабиева | По большому счету
13.11.2026
Все рекомендуемое