preloader
сейчас в эфире
15:04
ЦЕНА МОЛЧАНИЯ (3-ая СЕРИЯ) 12+
Смотрите Далее
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ÆНУСОН ФАРН. АСЛАНБЕК ТАУГАЗОВ 12+
17:25
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НОВОСТИ ЮОГУ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ЦЕНА МОЛЧАНИЯ (3-ая СЕРИЯ) 12+
close

Туаты Эльвирæ дзуры 2004-æм азы тыххæй

3.09.2024 16:45

Æмæ афтæ ныр 20 азы.

Æмæ афтæ ныр 20 азы. Ацы бынаты Туаты Эльвирæ хинымæр фæныхас кæны йæ хъæбултимæ. Радзуры сын куыд тынг сæ мысы ныййарæг мад. Каринæ æмæ Хетæг уыцы бон куыд иннæ сабитæ, афтæ тагъд кодтой бæрæгбонмæ. Фæлæ йæ цæмæй зыдтой зындонмæ бахаудзысты, уый. Уæвгæ уыцы райсом дызæрдыккаг хъуыдытæ бирæтæм уыд. Фæстæдæр сæ æргом кодтой сæ мысинæгты.

Спортивон залы æртæ боны дæр бадтысты иумæ. Эльвирæ йæ сывæллæтты йæ цурæй иуварс нæ ауагъта, йæ бон куыд уыд, афтæ сæ хъахъхъæдта. Цыма йæ амбаргæ кодта – никуыуал сæ æрбахъæбыс кæндзæн, уый.

Хæрзæгъдау æмæ зондджын сабитæ. Эльвирæ сæ æппæлын ныр дæр æфсæрмы кæны. Каринæ хъуамæ бахызтаид 7-æм къласмæ. Ахуыр кодта иттæг хорз бæрæггæнæнтыл, цагъта фæндырæй, тынг аив кастис æмдзæвгæтæ, зыдта быйын, хъазыд футболæй. Цардбæллон æмæ цæрдæг чызг. Йе ‘мгæртты ‘хсæн – æцæг хæлар. Хистæртæн хорз кæстæр. Уæдæ Хетæг дæр тырныдта ахуыры бæрзæндтæм, уарзта компьютер, цагъта гитарæйыл. 2003-æм азы хъуамæ бацыдаид 5-æм къласмæ. Йæ фыццаг ахуыргæнæг, Марина Швыдкая йæ мысинæгтæ дзургæйæ йæ цæссыг нæ уыромы. Хетæджы хуызон сабитæ стæм, вæййы, зæгъы сылгоймаг. Кæд нырма хæрз чысыл сывæллон уыд, уæддæр хайджын уыд æцæг ирон нæлгоймаджы миниуджытæй.

Эльвирæ ма абон дæр фæсмон кæны, цæуылнæ байхъуыста Хетæджы ахуыргæнæгмæ. Бæргæ, куы йæ зыдтаид цавæр фидæн сæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Æртæ боны хъизæмæрттæ сæхиуыл бавзæрстой æххæстæй. Æмæ ма кæд фыццаг бон сæ зæрдæ цæуылдæр дардтой, аирвæздзыстæм, зæгъгæ, уæд дыккаг æмæ æртыккаг бон сæ тыхтæ къаддæр кодтой. Æрмæст ма иу лæмæгъ хъæлæсæй дон бацагуырдтой.

Уый фæстæ та дыккаг, æртыккаг срæмыгъд… Уыцы спортивон залæй рацæуын нал бантыст 334 адæймагæн. 800-йæ фылдæр та райстой алыхуызон цæфтæ. Эльвирæ æдзард сабиты ‘хсæн йæ дыууæ суинаг хъæбулы куыд агуырдта, уый знаг дæр ма бавзарæд. Йæ зæрдæ лыстæг муртæ уæд фæцис. Фыццаг бакастæй фидар сылгоймаг. Фæлæ йæ æрмæст йæхæдæг зоны цы рыст æмæ мастæй дзаг у йæ миддуне, уый. Уæвгæ афтæ сты Беслæны мадæлтæ се ‘ппæт дæр. Абон дæр Эльвира нæ зоны дзуæппытæ бирæ фæрстытæн.

Ацы цауты фæстæ Беслæн хъуамæ суыдаид адæмы иудзинады нысан. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ дæр дуне сабыр нæу. Зæрдæрыст сылгоймаджы ныстуан абоны дуджы цæрджытæн – цардæн аргъ кæнын зонын.

Туаты бинонтæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уыдон сæ никуы ферох уыдзысты. Сæ хъæбултæ Каринæ æмæ Хетæгæн сæ зæрдæты ис хицæн бынат. Беслæны цауты фæстæ Туаты Георгий æмæ Эльвирæмæ разынд æгæрон хъару. Фæзынд сын дыууæ лæппуйы. Мæрдтæй мæ раздæхтой Артур æмæ Давид, фæзæгъы сылгоймаг йæхæдæг. Абон сын дæттынц тых æмæ сын сты стыр ныфс дарддæр цæрынæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
28.10.2026 I Доброе утро, Осетия!
28.10.2026
Донифарс. Ледник Тана I Вокзал для двоих
27.10.2026
Тамара Аликова I Профессиональный путь
27.10.2026
Ахуыргæнджыты форум, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс æмæ дохтыры хорзæх I Йæ рæстæгыл
27.10.2026
Инвестиции I Разбор полетов
27.10.2026
27.10.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
27.10.2026
Бибылты Светланæ I Фæрдгуытæ
26.10.2026
Причины роста цен на проезд в общественном транспорте, поддержка предпринимателей в районах, победители международного конкурса I Самое время
26.10.2026
Профилактика распространения заведомо ложной информации (фейков) об использовании вооруженных сил РФ I Национальные интересы
26.10.2026
Искусство дзюдо I Доброе утро, Осетия
26.10.2026
В итоге: 25.10.2026
25.10.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 25.10.2026
25.10.2026
Медикум I 25.10.2026
25.10.2026
Аивады фæз I Дзагоева Жанна
24.10.2026
Хуыцауы Дзуары бон Црауы | Кувæг Ир
24.10.2026
Все рекомендуемое