Фæстаг къуыримæ республикæйы эпидемиологон уавæр фæхуыздæр. Фæлæ уавæр нырма у зæрдæхсаинаг. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон радон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз.
Регионы дæрддзæф хъæуты цæуы цæрджыты диспансеризаци. Медицинон æркастæн æххуыс сты, æрæджы цы дыууæ ног флюрографы райстой, уыдон. Республикæйы хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймуразмæ сæвзæрд фарстатæ. Промышленность, транспорты æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадтæн бабар кодта медицинон туаггуыр ласынæн транспорт самал кæнын.
Æмбырды ма дзырдтой нацпроектты фæлгæты социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы объектты арæзтадыл. Сывæллæтты цалдæр рæвдауæндоны арæзтад нысангонд æмгъуыдæй фæстæдæр зайы. Джызæл æмæ Дæллаг Санибайы нӕ фаг кӕны амайджытæ. Премьер бабар кодта дарддæр дæр объекттæм æмбæлгæ цæст дарын. Хицауады уæнгтæ ма бæстон æрдзырдтой, Владимир Путин æмæ Сергей Меняйло фембæлды рæстæг цы фарстатыл дзырдтой, уыдоныл.
Афтæмæй, хæстæгдæр рæстæг снысан кæндзысты, реабилитацион центр цы бынаты арӕзт ӕрцӕудзӕн, уый. Рахизфарсы, Горæтгæрон æмæ Алагиры районтæ цæттæ сты зæххы хæйттæ радих кæнынмæ. Тускъаты Таймураз ма сын бабар кодта федералон хицауады уæнгтимæ æмгуыст кæнын. Республикæйы, фыццаджыдæр, архайдзысты ахуырад, культурæ æмæ спорты райрæзты программæйыл.