preloader
сейчас в эфире
01:59
СПЕКТАКЛЬ "УСКУЫРД" 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:20
ГОЛОСА ГОР 12+
06:45
ЗАУР. ОДИНОКИЙ БУКИНИСТ 12+
03:25
ВОЗВРАЩЕНИЕ УРУЗМАГА 12+
04:35
БОЛЬШОЙ ПУТЬ 12+
ТВ ПРОГРАММА
СПЕКТАКЛЬ "УСКУЫРД" 12+
close

Юбилеон аз

4.12.2018 16:27

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль «Алан»-æн ацы аз у юбилеон.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль «Алан»-æн ацы аз у юбилеон. Йæ равзæрдыл сæххæст 80 азы. Ансамбль Ирыстоны ном æмæ культурæ зæххы къорийыл кæм нæ базонын кодта, ахæм бынат нал баззад. 1938-æм азы йын бындур сæвæрдта зындгонд композитор Кокойты Тæтæрхъан. Професионалон къорды фыццаг артисттæ уыдысты хæрз хуымæтæг адæм: трактористтæ, шахтертæ, аразджытæ æмæ афтæ дарддæр. Сæ концерттæ уыдысты цымыдисаг, кæфтытæ та-иу адæмы дисы бафтыдтой. Нæ уацхæссæг Хъуысаты Мæдинæ – нæ номдзыд ансамблы тыххæй.


Кæд дæ ирон аивады курдиатджындæр артистты фенын фæнды, уæд бабæрæг кæн ансамбль «Алан»-ы концерт. Кæд национ сфæлдыстады æвæрæнтæ банкъарын зæгъа дæ зæрдæ, уæддæр та ацы курдиатджын къордимæ базонгæ у. Кæд дæ дæ фыдыуæзæгæй сæрбæрзонд уæвын фæнды, уæд та дын ацы кафджытæ баххуыс кæндзысты. Рагæй-æрæгмæ номдзыд ансамбль кад кодта канд йæхицæн нæ, фæлæ цы республикæйы авдæны райгуырд æмæ цы зæххыл æхсыст йæ кафджыты курдиат, уымæн дæр. Уыцы намыс абон дæр йæ къухæй не суагъта.

Тедеты Руслан, РЦИ-Аланийы адæмон паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «80-ай азы ныл æххæст кæны, æмæ уый гыццыл рæстæг нæу,тынг бирæ рæстæг у. 80-ай азмæ ансамбль «Алан» дынджыр фæндагыл ацыд.Зæххы къорийыл кæм нæ уыд, ахæм нал баззад. Стыр бузныг зæгъын нæ сæргълæууæг Битарты лæппуйæн, правительсвойæн. Тынгдæр та зæгъын Рустем Келохсайæвæн, тынг нын баххуыс кодта. Æрæджы Белгороды уыдыстæм, æмæ нæм нæ сæргълæууæг æрбадзырдта , æмæ нæ поздравить скодта , нæ къордыл 80 -ай аз кæй сыххæст уый тыххæй».

Чи дзы кафыд, уыдоны нæмттæ фехъусгæйæ абон дæр ма адæймаджы зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кæны. Ирыстоны культурæйæн æгас дунейы стыр ном чи скодта, уыдон сты Байаты Альбинæ, Торчынты Бексолтан, Карсанаты Галинæ, Калоты Земфирæ, Плиты Нодар, Туаты Ирбег, Кънаттаты Руслан æмæ бирæ æндæр зындгонд артисттæ. Чи сæ фæуыдзæн нымад… Ансамблы кадгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу бон дæр фæсмон нæ кæнынц се сфæлдыстадон фæндагыл.

Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ныртæккæ ансамблы ис 61 адæймаджы. «Алан» хорзæхджынгонд у бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй. У Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон æркастыты уæлахиздзау. Адæмы рæгъмæ хæссынц 24 кафты, семæ – сæ юбилеймæ цы 4 ног кафты бацæттæ кодтой, уыдон дæр. Æрыгон фæсивæд сæхиуыл кусынц, архайынц ансамблы раздæры кад дæлæмæ ма руадзыныл. Сæ буц хистæрты ном рох кæнын нæ уадзынц. Тедеты Леван, ансамблы кафы 2006-æм азæй нырмæ. Йæ зæрдæ аивадыл тынг æнувыд у чысылæй нырмæ.

Ирон уæздан кафтыл фæндыры зæлтæ сæхи хæххон суадонау куы `руадзынц, уæд ма уымæй аивдæр цы ис… Къорды оркестры цæгъдынц æвæджиауы курдиаты хицæуттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй æрыгон фæсивæды уæнгты змæлдмæ сæ фæндыры тæнтæ рогдæр æмæ хъæлдзæгдæрæй азæлынц.

Ансамблæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы номдзыд артисттæн се `рыгон фæдонтæ сæ сæртæй ныллæг кувынц. Арæхстджынæй хъахъхъæнынц къорды аивадон куырдадзы хæзнатæ, æфтауынц ансамблы кадыл.

Алы кафæг дæр йæ фидæнмæ ныфсджынæй кæсы. Уырны сæ, ноджы ирддæр æмæ сын кадджындæр кæй уыдзæн. Аив фезмæлдæй дисы фтауынц дун-дунейы алы адæмыхæттыты. Æмæ сын уый сæ уæлахизтыл дæр, æнæмæнг, ногтæ бафтаудзæн.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Бекъуырты Зауыр I Фæрдгуытæ
23.11.2026
22.11.2026 I Куыд зæгъай, афтæ!
22.11.2026
Диспансеризация I Медикум
22.11.2026
Гвардия I 21.11.2026
21.11.2026
Традиция Веры I 21.11.2026
21.11.2026
Алания после нашествия Тамерлана | Ход истории
20.11.2026
Уастырджимæ кувæн къуыри, хæрзаудæн акци æмæ Дзуæрттимæ цыд | Йæ рæстæгыл
20.11.2026
20.11.2026 | Доброе утро, Осетия!
20.11.2026
Махарбек Туганов I Подробнее
19.11.2026
Автоматизация бизнес процессов I Бизнес-сфера
19.11.2026
Футбольная команда «Иристон», День преподавателя высшей школы и актуальные новости недели I Самое время
19.11.2026
19.11.2026 I Ирон чат. Æгайт-ма!
19.11.2026
19.11.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
19.11.2026
Анастасия Стукалова I Дело мастера
18.11.2026
Соседство с медведями: реальная угроза или тревожные слухи I Среда влияния
18.11.2026
Все рекомендуемое