Дзæуджыхъæуы кадджынæй схорзæхджын кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты. Мадзал арæзт æрцыд, 30-æм апрелы Уæрæсе зынгсирвæзтытæй хъахъхъæнæджы бон кæй бæрæг кæндзæн, уый кадæн.
Иууыл зæрдиагдæрæй чи кусы, уыдонæн зæрдылдарæн лæвæрттæй уæлдай радтой офицеры цин. Сæ иу – мидслужбæйы булкъон Дзанайты Павел. Ссис сæйраг разамынддæттæг управленийы хицауы хæдивæг. Цалдæр кусæджы хорзæхджынгонд æрцыдысты майдантæй. Бæрæгбоны фæдыл æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæн арфæйы ныхæстæ ракодтой зынгсирвæзтыты хъахъхъæды ветеран Гæбæтаты Зураб æмæ нæ республикæйы Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæргълæууæг Александр Хоружий.