preloader
сейчас в эфире
10:25
СТАТУС ТРЕНЕР. ВЯЧЕСЛАВ БАГАЕВ 12+
Смотрите Далее
10:30
БОЛЬШОЙ СКАЧОК. ОБРАТНАЯ СТОРОНА ЗОЖ 12+
11:00
МУЗЫКÆ 12+
11:15
ГОРСКАЯ НОВЕЛЛА 12+
12:40
САУТÆ, БУРТÆ, МЫДХУЫЗТÆ 12+
14:35
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
СТАТУС ТРЕНЕР. ВЯЧЕСЛАВ БАГАЕВ 12+
close

Сывӕллӕттӕн спортивон бӕрӕгбон сӕхи хъӕрутӕй срӕзтой Дзӕйджыхъӕуы кӕртытӕй иуы цӕрджытӕ

15.06.2026 17:28

Кырджалийы уынгыл стыр ӕнтыстытӕм фыццаг къахдзӕф ныридӕгӕн конд ӕрцыд. Хуымӕтӕг кӕрт сбӕлвырд кодта: Уӕрӕсейы бон у ӕнгомдзинады бӕрӕгбон. Аразынц ӕй иумӕ. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр фидӕны фӕлтӕры сӕраппонд.

Астаздзыд Багаты Миланӕ фӕлтӕрӕн скодта 82 хатты. Уый у иттӕг хорз бæрæггæнæн. Чызг йæ хистӕр ӕфсымӕрӕй дӕнцӕг исы ӕмӕ йӕ фӕнды фӕуӕлахиз уӕвын. Уыцы иу рӕстӕг лӕппутӕ сӕхи ‘лвасынц турниктыл, чызджытӕ та архайынц эстафетæйы. Хи ‘руадзынц ӕмӕ сисынц къухты ‘ххуысӕй, ӕрбадынц ӕмӕ стӕй сыстынц, пресс-фӕлтӕрӕнтӕ кӕнынц.

Ныр та лӕппуты рад у. Турниктыл æххæст кæнынц 3 алыхуызон дисциплинӕйы. Ацы кæрты Уӕрӕсейы боныл разæнгардæй сӕмбӕлдысты. Хӕлӕрттӕ Багаты Гиуæрги æмӕ Нигкоты Арсен бирӕ мӕйты кодтой фӕлтӕрæнтæ. Абон тох кӕнынц фыццаг бынатыл. Алкӕй дӕр фӕнды фӕуӕлахиз уӕвын — фыццаджыдæр, хи рекордыл.

Стыр спортивон бӕрӕгбон сарӕзтой ӕрмӕст къуыримӕ. Елойты Марат ӕмӕ организаци «Ос-Бæгъатыр»-ы хъуыдыйы фарс рахӕцыдысты ӕппӕт сыхӕгтӕ дӕр. Фыццаг турнир фӕнд кодтой ӕрмӕст лӕппутӕн, фӕлӕ фӕстагмӕ чызджытӕ дӕр ӕрбацыдысты. Кубоктæ æмæ кады гӕххӕттытӕн цӕрджытӕ фæрæзтæ иумӕ ӕрӕмбырд кодтой. Сӕхӕдӕг фынгтӕ ӕвӕрдтой ӕмӕ лӕвӕрттӕ балхӕдтой.

Турниры ӕгъдӕуттӕм хъус дарынц карзӕй. Сывӕллӕтты техникӕйӕн аргъ кӕнынмӕ ӕрбацыд сӕ зындгонд сыхаг — дунейы чемпион Фӕрниаты Ирбег. Кӕстӕр къорды сывӕллӕтты арæхстдзинад се ‘ппӕтмӕ дӕр диссаг фӕкаст. Фӕсивӕдӕн ма иу ахсджиаг дӕнцӕг у спорты ветеран Рӕмонты Мысырби, уый дӕр ацы хӕдзары цӕры. Хистӕртӕ лӕмбынӕг кастысты сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадмӕ, архайынмӕ та сӕ уагътой ӕрмӕст ныййарджыты барлӕвӕрдӕй.

Кӕрты ис райхалинаг фарста дæр. Хорз спортивон фӕз дзы нӕй. Сывӕллӕттӕ згъорынц хӕдтулгӕты ‘хсӕн парковкӕйы. Афтæмæй та ам ис уӕгъд зӕххы хай, йӕ фӕзуат — 500 квадратон метры бæрц. Цӕрджыты тынг бллынц ног фӕзуатмæ ӕмӕ йæ саразынмæ дæр цӕттӕ сты, горæт сæм куы фæкæсид, уæд.

Кырджалийы уынгыл стыр ӕнтыстытӕм фыццаг къахдзӕф ныридӕгӕн конд ӕрцыд. Хуымӕтӕг кӕрт сбӕлвырд кодта: Уӕрӕсейы бон у ӕнгомдзинады бӕрӕгбон. Аразынц ӕй иумӕ. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр фидӕны фӕлтӕры сӕраппонд.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сослан Андиев I В своем кругу
1.08.2026
Саутӕ, буртӕ, мыдхуызтӕ I 01.08.2026
1.08.2026
Год единения народов России I Гвардия
1.08.2026
Зарождение промышленности Северной Осетии I Ход истории
31.07.2026
Цас хъусдаринаг сты æхсæнады сагъæстæ фидæныл æмæ нырыккон архитектурæйы фарстатæ | Йæ рæстæгыл
31.07.2026
31.07.2026 I Доброе утро, Осетия!
31.07.2026
Премьера фильма «Старый орёл» и актуальные новости недели | Самое время
30.07.2026
Хохойти Энвер I Уидӕгты ирдгӕ
30.07.2026
Фильм «Дух барса» I Подробнее
30.07.2026
Чырыстон фæд
30.07.2026
Тугдадзинты ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕппӕтдунеон нывӕфтыды бон I I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
30.07.2026
Готовая кухня I Среда влияния
29.07.2026
Художественный взгляд I Доброе утро, Осетия!
29.07.2026
Дзау I Вокзал для двоих
28.07.2026
Хохоев Сослан I Профессиональный путь
28.07.2026
Все рекомендуемое