Психологы амынддзинæдтæ æмæ поэзийы тых. Фӕззыгон адæймаг æрхæндæг æнкъарæнты бын цæмæй ма фæуа, уымæн ис цалдæр хуымæтæг, фæлæ бæлвырд уагæвæрды. Цӕмӕй сӕ сбӕлвырд кӕнат, уый тыххӕй та байхъусут нӕ уазӕг психологмӕ.
Кӕддӕр Роберт Рожденственский загъта: «Все начинается с любви». Царды алы фæзилæны дæр ацы хъуыды ахсджиаг у. Поэтессæ Санахъоты Маринæ дӕр йе сфӕлдыстад уарзондзинады бындурыл аразы. Ӕрӕджы мыхуыры рацыд йе ‘мзӕвгӕты дыккаг чиныг. Нæ студийы дзы цалдӕр бакаст.
















