1981-æм азы Советон Цæдис нымад у тыхджындæр бæстæйыл. Адæм цардысты сæ хуымæтæг цардæй. Уарзтой театр æмæ кино. Бæрзонд æмвæзадыл æвæрд уыд наукæ æмæ ахуырад.
Уый уыд бæллиццаг рæстæг. Уæдæ цæмæ бæллыдысты Ставд-Дурты скъолайы рауагъдонтæ та 1981-æм азы, цы ма лæууы сæ зæрдыл? Уый та базондзыстут нæ равдыстæй.
















