Граждайнаг, политикон, экономикон, социалон æмæ культурон бартæ. Дунейы ис, æппæт адæмы хæттытæ, разамонджытæ æмæ барадон оргæнтæ хъуамæ кæй æххæст кæной, ахæм домæнтæ. Документ хуыйны: адæймаджы барты иумæйаг деклараци
71 азы размæ 10-æм декабры фидаргонд æрцыди Иугонд нациты организациты сæйраг ассамблейы. Фыццаг хатт уым фыст æрцыдысты, æппæтдунеон æмвæзады адæймагæн йæ цавæр бартæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой, уыдон.
Уæдæ нæ «Изæры рад»-ы æрныхас кæндзыстæм адæймаджы бартæ хъахъхъæныны боныл. Абон æй бæрæг кæнынц æнæхъæн дунейы дæр.