Нациты хъуыддæгты фæдыл федералон агентады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæг национ ахастдзинæдты тыххæй æппæрццæг хъусынгæнинæгтæ æмæ комментариты нымæц фæфылдæр. Куыстуаты хъуыдымæ гæсгæ сын сæ фылдæр фæфыссынц фæсарæнты. Уыимæ уæрæсейаг горæтты къаддæр нæ кæнынц, иуæй-иу цæрджытæ иннæ адæмыхæттытæн кæй нæ быхсынц, уый æвдисæг цаутæ. Куыд у уавæр Ирыстоны та? Цас хорз æмбарынц кæрæдзийы алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, æмæ кæмæй аразгæ у нациты хæлардзинад ма фесафыны хъуыддаг? Уыдæттыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».
Культурон хъæппæристы президенты Фонд хатдзæгтæ скодта гранттæ рамбулыны дыккæгæм конкурсæн. Нæ бæстæйы 42 сфæлдыстадон куыстæй дзы Цæгат Ирыстон рамбылдта 8 проекты. Уыдонæй иу — проект «Три столицы». Программæмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу, Цхинвал æмæ Сухум суыдзысты, Михаил Булгаковы сфæлдыстад чи баиу кæндзæн, уыцы бынæттæ. Бæлвырддæр ыл дзурæм нæ программæйы.
Сывæллæтты футболы Бон бæрæг кæнын райдыдтой 2001-æм азы. Уæд иумæйаг бадзырд бафыстой футболы æппæтдунеон федераци æмæ Иугонд Нациты Организацийы сывæллæтты Фонд. Йæ нысан у спорты хуыз парахат кæнын æмæ фæсивæды æргом æнæниз цардмæ здахын. Кæд футбол æппæт бæстæты дæр уарзынц, æмæ йæ популяризаци кæнын нæ хъæуы, уæддæр бæрæгбоны нысан уый мидæг ис, цæмæй бæрнон адæймæгтæ курдиатджын сывæллæттæн æххуыс кæной. Футбол йæхимæ цæмæн æлвасы æмæ куыд ахады ирыстойнаг кæстæртыл, ууыл дзурæм «Йæ рæстæгыл».














