Абон нæ программæ «Æ-эфир»-æй бæрæг кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ушинский афтæ загъта: «Мадæлон æвзаг у адæймаджы удыхъæды дидинæг, нæ хъаруйы цæджындз, фæлтæрты ‘хсæн фидар хид». Александр Куприн та йæ хуыдта «цивилизаци æмæ культурæмæ фæндаг». Афтæ зæгъæн ис нæхи `взагæй дæр. Сабийы бонтæй фæстæмæ йæ хъусæм, æмæ нæ уый æфтауы æхсæнад, стæй царды хорзæхтыл.
Мадæлон æвзаг адæмыхаттæн йæ бындур у. Æмæ йæ уавæр æнæфæцудгæ куы уа, уæд фидар уыдзæн наци дæр. Абон дунейы цардыуаджы æрхъуыдыгонд фæткæвæрд нæхиуыл куы барæм, уæд, тæрсæм, æмæ бæлас тыхджын дымгæ куыд афæлдахы, афтæ адæмыхатт дæр æнæ æвзаг æрцæудзæн сæфтмæ. Æвзаг æмæ культурæ сты, наци цæрæццаг чи кæны, ахæм хъуыддæгтæ.
Мах нæ фæнды, цæмæй зæххыл ирон æвзаг мауал уа. Уæдæ уæрæхдæр куы акæсæм, уæд мах нæ фæндид, цæмæй зæххыл мауал уа уырыссаг æвзаг. Нæхи бахъахъхъæныны тыххæй мах хъæуы къæрцхъус уæвын. Нæхи цы у, ууыл нæ хъæуы фидар хæцын.