Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон» бацæттæ кодта сæрмагонд «Æ-Эфир» ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн. Чи нæм кæса, уыдонæн ракæндзыстæм лæвæрттæ дæр.
Нæ программæйы комкоммæ эфиры æмбæхст уыди иу хъуыдыйад. Иронау! Йæ дзырдтæ йын рæстæгæй-рæстæгмæ экраныл æвдисдзыстæм. Сымах сæ хъуамæ кæрæдзийы фæдыл раст равæрат. Нæ хæрзиуджытæ æрхаудзысты, сæрæндæр чи разына, фыццаг уыцы æртæ адæймагмæ.