Дзурдзыстæм, коронавирус нæ республикæйы куыд парахат кæны, стæй йæ ныхмæ цы мадзæлттæ аразынц, уый тыххæй.
Бузныг дохтыртæн, адæм сæ хуыздæр ныфсытæ кæй бæрны бакодтой, уыдонæн. Фыццаг цæф уыдоныл æруад, æмæ цас хъазуатон разындзысты, уымæй аразгæ у адæмы хъысмæт. Фæсвæд ранмæ сæ йæхи ничи баласта. Æнæниз уæнт сæхæдæг дæр, стæй сæ удтæ сæ бæрны чи бакодта, уыдон дæр.
















