Ирыстоны рагондæр хъæутæй иу — Æрхон…
Абон ма дзы цæрынц нымадæй цалдæр хæдзары. Фæлæ дзы чи ис, уыдон сæ фыдæлты бынæттæ удуæлдайæ хъахъхъæнынц.
Тыхсынц хъæуы фидæныл. Фæнды сæ, цæмæй йæ фарн макуы фесæфа. Æрхоны сомбонмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдонæй иу у Бæцойты Аслан.















