Цасдæр рæстæг адæмы сагъæсы `фтауы артаджы аргъ. Зынаргъæй-зынаргъдæр кæны æрвылбон. Паддзахады бæрнон лæгтæ зæрдæ æвæрынц — уавæр куыд сдиссаг кодтой, бынтон афтæ нæу, зæгъгæ. Цæй мидæг ис уæдæ уымæн йæ аххосаг? Уыцы æмæ ма æндæр фæрстытæ рахастам нæ студийы уазæджы размæ.
Дзырдтам ма Тугъанты Махарбеджы цард æмæ сфæлдыстадыл. Абон дæр бæлвырдæй бæрæг нæу, йæ райгуырды боныл ын кæцы нымайынц, уый. Иутæ зæгъынц, æмæ 27-æм июны, иннæтæ — 16 сентябры. Фæлæ куыдфæнды куы уа, уæддæр ыл ацы аз æххæст кæны 145 азы. У Ирыстоны разагъды лæгтæй иу, æмæ йын мысæм йæ ном.
Ноджы ма иу разагъды лæг Брытъиаты Елбыздыхъойы цыртдзæвæн абон байгом йæ райгуырæн Куырттаты комы. Кадджын мадзалмæ æрæмбырд сты, йа цард ын дæнцæгæн чи хæссы, йе сфæлдыстадыл ын æнувыд чи у, уыдон. Æвдисæнтæй иу уыд нæ студийы уазæг.
















