Арт ирон адæмы царды кæддæриддæр стыр бынат ахста. Табу йын кодтой æмæ йæ хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Уæдæ къонайы арт та бинонтæн уыди æппæтæй ахсджиагдæр бынат.
Ног азы агъоммæ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы кусджытæ дæр архайынц иумæйаг арты цæхæр ссарыныл æмæ йæ сног кæныныл. Сæ къухы бафтдзæн, æви нæ? Кæдæм фæцæудзысты артагур?