17 нæ, фæлæ 170 азы куы рацæуа, уæддæр Беслæны стыр бæллæх адæмы историйæ нал байсысдзæн. Уыцы цаутæ йæхи цæстæй чи федта, уыдон та сæ рох дæр нал фæкæндзысты. Æнæмæнг, æппæтæй стырдæр æмæ уæззаудæр уаргъ æрæнцад, йæ бинонтæй кæмæн фæхъуыд, уыдоныл. Фæлæ йæ куысты фæдыл беслæйнæгты фарсмæ чи балæууыд, уыцы адæмы зæрдæты рис дæр къаддæр нæ кæны. Нæ студийы уазджытæ сты — журналист Налдыхъуаты Зæлинæ æмæ нæ республикæйы сгуыхт дохтыр, медицинон наукæты кандидат Дзукъаты Аслан.
Æрæджы республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ. Цы дзырдтой, уыдоны `хсæн бæрæг дардта Беслæны фидæн. Уыдæттыл дзырдтам Рахизфарсы районы администрацийы арæзтады хайады сæргълæууæг Къæбойты Зауыримæ, æмæ Рахизфарсы районы муниципалон æхсæнадон палатæйы сæрдар Бургалаты Заремæимæ.
















