Нæ республикæйы наукон кусджытæн фæзынд хорз фадат сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн æмæ ног къæпхæнтæм схизынæн. Уый сын бантыст Дзæуджыхъæуы наукон центры фæрцы. 21-æм июлы цыппар æрыгон лæппуйы рамбылдтой сæрмагонд конкурс Дзæуджыхъæуы наукон центры. Къамисы æмбырды куыд сбæрæг, афтæмæй Хетæгкаты Яков, Музаты Азæмæт, Андрей Петраченко æмæ Бетрозты Азæмæт ацæудзысты Сомихмæ. Уым базондзысты рагон æмæ нырыккон сомихаг æвзæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы зонындзинæдтæй спайда кæндысты сæ дарддæры куысты. Хабæрттæ балвырддæр базонынын тыххæй нæ студимæ фæхуыдтам наукон кусджытæй иуы, истори иртасæг, экономист Бетрозты Азæмæты.
27 июлы 70 азы æххæст кæны поэт, публицист, журналист, Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреат Абайты Эдуардыл. Уый 30 азæй фылдæр фæкуыста газет “Рæстдзинад”-ы. Эдуарды поэзи у хуымæтæг, йæ æвзаг та æнцонæмбарæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаджы райрæзтæн цæлхдуртæ æвæрд никуы уыдысты, уæлдайдæр та нæ хицауады *рдыгæй. Цæмæй нæ мадæлон æвзаг ма фесæфа, уый тыххæй йыл хъæуы дзурын бинонты æмæ хиуæтты *хсæн, скъолайы æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Æрмæст уыцы хъуыддæгтæ фаг сты ирон æвзаджы райрæзтæн. Абайты Эдуарды сфæлдыстадыл мах ацы изæр аныхас кæндзыстæм нæ уазæг — журнал «Мах дуг» — ы критикӕ ӕмӕ публицистикӕйы хайады редактор Тъехты Тамерланимæ.
Æнæниздзинад у адæймаджы сæрмагонд нысантæй иу. Фæстаг рæстæг уыцы хъуыддагмæ æппæт дунейы дæр се ргом уæлдай тынг аздæхтой. Сбирæ сты алыхуызон ахуыртæ æмæ лекцитæ æнæнизæй цæрыны тыххæй. Цы кусæм, цы хæрæм, куыд архайæм, цæмæй нæм низтæ хæстæг мА цæуой, уый тыххæй? Æрæджы Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæй фехъусын кодтой: нæ республикæйы цæрджыты хсæн фылдæрæй-фылдæр кæны нард адæмы нымæц. Стæй адæм сæхимæ куыдфæндыйы цæстæй хъуамæ ма кæсой. Ахæм хъуыдыйыл хæст у нæ иннæ уазæг дæр — диетолог Туаты Иринæ. Уæдæ адæймаджы уæз, цас æмбæлы, уымæй фылдæр куы уа, уæд уый æвзæр цæмæн у? Стæй цас хъуамæ уа æнæниз адæймаджы уæз? Уыдæттыл дзурæм ацы сахат.
















