Ацы хъæуæн цымыдисаг истори ис. Хъуыстгонд у зындгонд адæмæй. Ис дзы бирæ цымыдисаг бынæттæ, хиирхæфсæн фæзтæ. Уæдæ уæ кæд хабæрттæ бæлвырддæр базонын фæнды, уæд, табуафси, бакæсут нæ равдыстмæ.
14 мартъийы Уæрæсейы адæмон артист Балаты Владимирыл сæххæст уыдиаид 110 азы. А изæр æй не студийы æрымысдзыстæм хорз æй чи зыдта æмæ йемæ чи куыста, уыдонимæ.
Балаты Владимиры чи нæ зоны, ахæм адæймаг Ирыстоны зын ссарын у. Уымæн йæ курдиаты фæрцы йæ къухты бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Адæм æй канд зарæггæнæгæй нæ зонынц, фæлæ ма цымыдисаг сурæттæ саразæг артистæй дæр. Йе `мбæлттæн уыд хорз хæлар, йе `мкусджытæн та зондджын хистæр.