Адæймагæн йæхи бæстæ, йæхи къонайæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр нæй. Йæ райгуырæн зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй фидауы цард, уыдонæй та фидауынц адæм. Нæ ног проект у ахæм адæймæгты номыл.
Ирон адæм, ирон зарæг йæ удæй фылдæр чи уарзта, бирæ азты дæргъы йын арфæйаг лæггад чи фæкодта, уыцы курдиатджын адæймаг уыд Ирыстоны адæмон поэт Чеджемты Æхсар. Йе сфæлдыстад зарæджы базыртыл йæхи бæрзонд систа æмæ уырдыгæй фæлгæсы арвы дидинæгау йæ райдзаст, райгуырæн зæхмæ.
Кæсут #Æздзыллæйæкъаддæркуыдарин.















