Зындгонд ирон фыссæг, дæсны тæлмацгæнæг æмæ публицист, литературон критик æмæ иртасæг, æхсæнадон архайæг Джусойты Нафийы райгуырдыл абон æххæст кæны 95 азы. Нафи ныффыста цыппар сæдæ зонадон куыстæй фылдæр — уыдоны `хсæн 12 монографийы, ирон æвзаджы чингуытæ, дзырдуат, ратæлмац кодта ирон æвзагмæ уырыссаг æмæ гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ.
Фыдыбæстæйы раз йе стыр æнтыстыты æмæ патриотизмы тыххæй сси «Кады Нысаны» орденхæссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат. Лæвæрд ын æрцыд Пушкины номыл майдан. Хорз æй зонынц фæсарæнты дæр, уыдис Литературон критикты дунеон ассоциацийы уæнг (йæ ценр-Парижы).
Дзырды дæсны уыди Нафи, йæ зæрдæ рысти Ирыстоны фидæныл. Нафийæн йæхи уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг, полшæйаг, казахаг æмæ æндæр æвзæгтæм. Йæ ном æрымысыны тыххæй абон нæ студимæ фæхуыдтам, хорз æй чи зыдта, уыцы адæмы: Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Уататы Зелимы æмæ филологон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты кусæг Гуæздæрты Азæйы.
Зындгонд ирон фыссæг, дæсны тæлмацгæнæг æмæ публицист, литературон критик æмæ иртасæг, æхсæнадон архайæг Джусойты Нафийы райгуырдыл абон æххæст кæны 95 азы. Нафи архайдта литературæйы æппæт жанрты дæр: поэзи, прозæ, драматургийы.
Йæ романтæ «Фыдæлты туг» «Залты мит» , «Дыууадæс цæфы иу цæфы хуызæн», «Сырдоны цæссыгтæ» зынгæ фæхъæздыгдæр кодтой ирон литературæйы æвæрæнтæ. Литературæмæ, ирон адæмы культурæмæ цы хуын бахаста, ууыл дзурæм а изæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, абон Нафийы райгуырдыл сæххæст ис нæуæдз фондз азы.