Хуыцау адæймаджы исты курдиатæй куы фæхайджын кæны, уæд кæмæн йæ къухтæм фыссæнгæрзтæ ратты, кæмæн ахорæнтæ, кæмæн та йæ хъæлæс рæсугъд мыртæй саив кæны. Мæ абоны уазæджы республикæйы цæрджытæ хорз зонынц. Йе сфæлдыстад бирæтæй удæнцой æмæ æхсызгондзинад хæссы.
Фæлæ цымæ йæхæдæг та тых цæмæй исы, йæ зæрдæ йын цы барухс кæны, йæ зæрдæйы сусæг хъуыдытæ ис æви нæ? Уымæй мæ фæнды йæхæ бафæрсын.