Хъысмӕттӕ алыхуызон сты. Хатт адæймаджы цард афтæ æнахуыр æмæ зын рауайы, æмæ дисы бафтауы.
Сокаты Людмилӕ 50 азӕй фылдӕр йӕ хъару ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ сывæллæттæн дæтты. Кæд куысты бафæллайы, уæддæр йæ цард æнæ скъола нæ уыны.
Людмилӕйы тыххӕй ӕххӕстӕй радзурын нӕ бон зынтӕй баци, фӕлӕ йын бацархайдтам йӕ уды сусæгдзинæдтæй кæцыдæртæ райхалын.
















