80 азы рацыд, Советон Цæдисы Сырх Æфсад гитлеронты Сталинграды цур бæрзæйсаст куы фæкодта, уæдæй. Уыцы тугкалæн тохы сæхи хъазуатонæй равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Æрхъуыды кодтам уæды рæстæджы цаутæ. Уæвгæ, цыфæнды зын сахат дæр адæймаджы зæрдæ рухс æнкъарæнтæ агуры. Уый фæдыл нæм студимæ æрбацыд, йæ музыкалон курдиат адæмæн уынгты чи не `вгъау кæны, ахæм адæймаг. Фæлæ зарæджы рæнхъытау аив æмæ рæсугъд ныхасы уагæй æххæст куы уаид нæ цард, уæд цы хъæуы. Хъыгагæн, фенæм æндæр дæнцæджытæ дæр. 3-æм февралы дуне фæбæрæг кæны æнæуаг дзыхæй дзурыны ныхмæ тохы бон. Æмæ уый тыххæй та ныхас кодтам нæ программæйы кæронбæттæн хайы.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Вечерняя смена
- Выпуск от 10.03.2020
Фæсивæдон форум «Машук»-ы уæлахиздзаутæ
10.03.2020 19:30
Вечерняя смена
Выпуск от 10.03.2020
Ивгъуыд азы фæсивæдон форум «Машук»-ы грантты фæрцы нæ республикæйы минæвæрттæ рамбылдтой 47 милуан сомы. Æрыгæтты хсæн ис ахæмтæ, ныридæгæн уыцы фæрæзты фæрцы йæ хъуыддаг кæмæн сырæзти, ахæмтæ. Сæ проекттæ баст сты алы къабæзтимæ. Ис дзы социалон æмæ культурон проекттæ дæр.
Другие выпуски
