«Аланты Ныхас»-ы уæнгтæ Дзæуджыхъæуы госпиталы бабæрæг кодтой, сæрмагонд хæстон операцийы чи фæцæф, уыдоны. Куыд хъæрмуд рауад фембæлд, уый тыххæй нын радзырдтой организацийы разамынды минæвæрттæ.
Дзырдтам адæмы бартыл тохгæнæг Брытъиаты Елбыздыхъойы цыртдзæвæны уавæры тыххæй дæр. Фæлмæн ныхæстæй дзургæйæ, сæ хæрзтæй нæу. Фæсвæд ран ис, уымæ гæсгæ рохуаты аззад. Афтæмæй ма-иу æрæджы дæр йæ цуры цыдысты ирон драматургийы бындурæвæрæджы номарæн мадзæлттæ. Ныр «фæдис», зæгъгæ, чи ныхъхъæр кодта, уый сси нæ студийы уазæг. Цы дзуапп райста æмæ кæмæй, уый тыххæй загътам нæ равдысты.
«Йæ рæстæгыл» æрымысыдыстæм, хъæбатыры номы акккаг чи у, фæлæ ныронг йæ кадджын хæрзиуæг кæуыл нæма сæмбæлд, уыцы æдзард хæстон Дзотты Лазыры ном. Равдыста æгæрон хъайтардзинад, йæ цард нывондæн æрхæсгæйæ. Кæд уыдзæн уымæн аккаг аргъ, стæй уыдзæн æви нæ? Уымæй бафарстам нæ студийы уазæджы.
















