23-æм февралы агъоммæ Æппæтуæрæсеон Адæмон фронты уæнгтæ расидтысты акци “Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн — бæрæгбоны лæвар”. Æфсæддон операцийы архайджытæм цæмæй фæкæсæн ис, æхсызгон сын цы уыдзæн æмæ лæвæрттæ кæдæм бахæссæн ис, ууыл дзурæм нæ программæйы.
«Изæры рады» ма уæ зонгæ кæнæм 7-æм æппæтдунеон конкурс «ТАЛАНТЫ ЕВРАЗИИ»-йы уæлахиздзаутимæ. Уыцы хорзæхы аккаг систы Æрыдоны аивæдты скъолайы минæвæрттæ.