ХХ-æм æнусы райдайæны Ирыстоны стырдæр хъæутæй иууыл нымад уыд Хъæдгæрон. Уæды рæстæгмæ дзы цард 4 мин адæймагмæ `ввахс. Фæлæ цæмæй ахæм ахадгæ цæрæн пункт суа, уый тыххæй бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой йæ цæрджытæ. Хъæуы истори 1824-æм азы райдыдта. Уæд Куыртатты комæй быдырмæ раивтой 12 хæдзары. Уæдæй абонмæ бирæ хабæрттæ æрцыд хъæуккæгтыл. 26-æм сентябры сбæрæг кодтой сæ хъæуы 200 азы юбилей. Сæ истори æмæ нырыккон цардыл дзурæм «Комæй коммæ»-йы.
Тарскæйы цæрæг Деметы Зауыр æртæ азы размæ хъæуы фыццæгæм скъолайы байгом кодта ирон национ инструментты ансамбль «Фарн». Республикæйы сæ бирæтæ базыдтой, уымæн æмæ ахæм къордтæ Ирыстоны стæм сты. Хицæн ма кæнынц, кæстæртæ сæ ахуыргæнæгимæ музыкалон инструменттæ сæхи къухтæй кæй кæнынц, уымæй дæр. Ныртæккæ та сæхи цæттæ кæнынц гастрольтæм.