Хъæууон хæдзарады райрæзтæн æххуыс сты Паддзахадон гранттæ. Пайда сæ кæнынц Алагиры районы дæр.
Сæ фæрцы хи фермæты нымæц рæзы, парахат кæны ныронг йæ къахыл фидар чи лæууы уыдоны архайд дæр. Ацы равдысты уын бæлвырд равдисдзыстæм агрохолдинг «Мастер- прайм. Березка»-йы архайд.
Радзурдзыстæм æхсыры продукцийы тыххæй дæр. Стæй Дуней цы цыхты хуызтæ ис, уыдоныл дæр афæлгæсдзыстæм.