Зæхкусӕджы сагъӕстӕ.
Ӕппæтæй хъæздыгдæр зæххæй æппынæдзух уыцы-иу хуызы куы пайда кæнай, уæд йæхæдæг мæгуыр кæны. Мæрмæ хъæугæ буаргъæдтæ куы нæ хæссай, азæй-азмæ культуртæ куы нæ ивай, уæд ын уый тæссаг у. Афтӕмӕй нӕ фидæны æнæхай фӕкӕндзӕн йӕ хæрзтæй, нæ бæркад фæкъаддæр уыдзӕн. Цы хуызы хъæуы зæххæн лæггад кæнын æмæ йæм цавæр буаргъæдтæ хæссæн ис? Ууыл у нæ абоны «Хæдзарадон»-ы рауагъд.















