Цавæр хъæлæсы хицау дæ? Нæргæ æви цъæхснаг? Тыхджын æмæ уæндон?
Æрмæст кæуындзæг æмæ ризгæ ма уæд. Абон у нæ бон хъæлæсы дзаг дæр ныхъæр кæнын. Цыфæнды хъæлæсы уагæн дæр абон у йæхи æргом равдисын — Æппæтадæмон хъæлæсы бон у. Фыццаг хатт æй сбæрæг кодтой Бразилийы 1999 азы, фæлæ фæстæдæр æндæр бæстæтæ дæр райстой хъæппæрис. Ирыстон дæр — се`хсæн. Тынг бирæ курдиатджын зарæггæнджытæ нæм ис. Сæ хъæлæстæ адæмæн уарзон сты. Мариийнаг театры солисттæ дæр се `хсæн: Нартыхты Ланæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Цæцæны республикæйы сгуыхт артист Бекъойты Вано.
Уæдæ Туаты Мæдинæ та у дæсны хуыйæг. Зоны æмæ уарзы йæ адæмы истори, йæхицæн æргом кæны æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ. Мæдинæ ахсджиагыл нымайы ирон националон культурæ сæндидзын кæнын æмæ йæ æвдисы дарæсы дæр
















