Сывæллоны, кæстæр кары скъоладзауты æмæ, æмткæй, рæзгæ фæлтæры хъомыладæн ахъаз цы у?
Ацы фарстæн бирæтæ сæхи дзупп ратдзысты. Бæлвырд у ахуырад æмæ хъомылады ахадындзинад. Фæлæ ма уымæй уæлдай кæстæртыл хуыздæрырдæм цы фæзыны?!
Бирæтæ зæгъдзысты — спорт. Æмæ раст уыдзысты. Буар æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæнынæн, миддуне фæхъæздыгдæр кæнынæн æмæ фæлтæртæ кæрæдзиуыл æнгомдæр кæнынæн стыр пайда у.
Спорты хуызтæ алыхуызон сты. Се ппæты хсæн бæрæг дары хицæн къорд — национ спорты хуызтæ.
Абон сыл ныхас кæндзыстæм мах дæр.