Йæ рæстæджы Дзæуджыхъæу бахастой, цæрынæн хорз фадæттæ кæм ис, ахæм горæтты номхыгъдмæ. Фæлæ ма искæд бон ахæм хорзæх йæ къухы бафтдзæн æви нæ? Ууыл дзырдтам нæ уазæгимæ.
Не `ргом ма аздæхтам, нæ республикæйæ æрвылазон зонадон форумы цы фæсивæд фесгуыхт, уыдонмæ дæр. Ахæм æнтыст цалдæр лæппуйы фæци æмæ сæ иу йæ ахуыргæнæгимæ уыд нæ студийы уазæг. Цæуыл кусдзæн дарддæр, уый йын йæхицæй фехъуыстам.
Гæнæн ис, æмæ сæ фæд-фæд ауайдзысты, агрокълæстæм чи бацæуа, уыдон дæр. Рæхджы уал байгом уыдзæн Хъарман-Сындзыхъæуы. Цæй мидæг ис сæ мидис, стæй куыд сахаддзысты хъæууон хæдзарадыл, уый базыдтам йæ рæстæгыл.
Программæйы кæронбæттæны та нæ дзырды сæр уыдысты æнæхицау цæрæгойтæ. Республикæйы цæуы сæрмагонд акци, цæмæй сæ нымæц ма фылдæр кæна. Мадзалы пайда кæнынц медицинон фæрæзтæй. Цавæртæй, уый ныр зонут сымах дæр.