Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд Ирыстоны хъӕбатыр хӕстонты рӕнхъыты уыдысты нӕ зынгхуыст поэттӕ дӕр.
Фыдыуӕзӕгыл дзы чи нал сӕмбӕлд, уыдоны нымӕц у 60-ӕй фылдӕр. Сӕ хистӕр Гутнаты Хъанымӕтыл цыд 36 азы, сӕ тӕккӕ кӕстӕртӕ Елехъоты Мурат ӕмӕ Хайманты Георгийыл та — ӕвддӕсгай азтӕ.
Нӕ зынгхуыст лӕппуты ’хсӕн уыд ахӕмтӕ, 20-22-аздзыдӕй ирон литературӕмӕ мыггагмӕ цӕринаг уацмыстӕ чи бахаста.
Хъӕбатыртӕ цӕуынц ивгъуыд бонтӕй. Цӕмӕй ахизой ӕнусты сӕрты, цӕмӕй сын сӕ ныхас фехъусой фӕлтӕртӕ. Нӕ ӕдзард зынгхуыст поэттӕ ацыдысты, фӕлӕ сӕ уацмыстӕ цӕрдзысты ӕнустӕм адӕмы зӕрдӕты.